Myvideo

Guest

Login

Н.С. Гумилев. Жираф

Uploaded By: Myvideo
179 views
0
0 votes
0

НИКОЛАЙ ГУМИЛЁВ Жираф Уæлдай æнкъард абон дæ бакаст, дзæбæх æй уынын, Дæ къухтæ дæр абон уæлдай мæллæг, уæрджытыл тыхт, Мæ ныхасмæ байхъус: дард, дард ран, цад Чады былыл Уæздан жираф тезгъо кæны. Аив фердæхт, талас у уымæн Хуыцауæй лæвæрд, Йæ цармыл æнахуыр ныв дардмæ рæсугъдæй зыны, Быцæу кæнын йемæ æрмæстдæр мæй уæнды, хæлæг, Уæрæх цæдты айдæнты ‘нкъардæй куы уыны йæ ныв. Уый дардæй у науы нывæфтыд пæлæзы хуызæн, Йæ цыд та – фæлмæн, лæгъз, раст мæргъты зæрдæрайгæ тахт, Æз зонын, цы ’мбисонды диссæгтæ фены нæ зæхх, Уый мрамор лæгæтмæ куы бавæры ’зæры йæ къах. Зындгонд сты тæвд бæстæты хъæлдзæг аргъæуттæ мæнæн, Æвдисынц нын сау чызджы, ’рыгон фæтæджы фæлгонц, Æрмæст ды æгæр улæфт кодтай цъæх-цъæхид фæздæг, Дæ æууæнк дын фесæфта сайды æгъатыр æфсондз. Æмæ дын куыд радзурон, ирддæр цы лæууы зæрдыл, Рæхснæг пальмæ, тропикты ‘нахуыр кæрдæджыты кафт... Кæуыс? Уæдæ Чады бæрзонд былыл тезгъо кæны Нæ уæздан, сæрыстыр жираф. Уырыссагæй раивта Плиты Инал

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later