Myvideo

Guest

Login

О, НАНА... (Зары Гуыбиаты Эльбрус)

Uploaded By: Myvideo
111 views
0
0 votes
0

О НАНА... (Цæгæраты Гигойы ныхæстæ; Гæбæраты Ильяйы зæлтæ) Хуры тын фыруарзтæй нал быхсы, Бæласы къалиуыл атыхсы. Æхсæрдзæн сæмбæлди суадоныл, Йæ зæрдæ фыруарзтæй ратоны. О нана, Фесæфти мæ фын, Горæтмæ рæсугъд чызгайы Курынмæ цæуын. Мыдыбындз дидинмæ базары, Дидинæн йæ хъæбыс бадары Иу айнæг иннæмæ бахуды, Рог дымгæ йæ къайы агуры. О нана, Фесæфти мæ фын, Горæтмæ рæсугъд чызгайы Курынмæ цæуын. Тæхуды, æрбауай, тæхуды, Зæрдæйы куыд тавы дæ худын. Мæйау мын дæ цæсгом — цырагъдар, Дæуæй мын ницы ис зынаргъдæр. О нана, Фесæфти мæ фын, Горæтмæ рæсугъд чызгайы Курынмæ цæуыц.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later