Профессионалон футболы клубты академитæ канд социалон проекттæ не сты æмæ клубты кой апарахат кæныны тыххæй нæ хъæуынц. Хауынц æнæхъæн системæмæ, спортивон философимæ æмæ ма уыимæ курдиатджын футболистты хъомыл кæныны куыстмæ. Фарон фæззæджы Цæгат Ирыстоны байгом футболы академи «Алани». Нæ республикæйы цæрджытæ йæм рагæй æнхъæлмæ кастысты, сси сын æхсызгон лæвар. Академи æрбангом кодта нæ республикæйы спортивон скъолаты хуыздæр минæвæртты. Ныр афæдзы ‘рдæг ам æвзонг футболисттæ сæ фæлтæрддзинад фылдæр кæнынц. Уæдæ сæм æнтыстдзинæдтæ дæр ис. _________________________ Мы рядом в:
Hide player controls
Hide resume playing