Myvideo

Guest

Login

Виноградное хъуы бындуронй сцалцг кодтой амбултори

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Хъуына, пырх пъолтæ æмæ къулты тыххæй ныр ферох кæнæн ис. Ног нырыккон уавæрты архайыныл кусджытæ ахуыр дæр нæма сты. Дыууæ азы размæ уый æнхъæл нæ уыдысты æмæ сын сæ бæстыхай афтæ кæй сног кæндзысты. Уыдис заууат уавæры. Ныридæгæн амбулатори йæ хуыз скалдта. Виноградное хъæуы амбулатори сарæзтой 1911-æм азы æмæ цалцæггонд никуы уыд. Егъау рацарæзт саразын сфæнд кодтой дыууæ азы размæ. Нырыккон тыгъдадæй фæстæмæ фæзынд ног ифтонггæрзтæ дæр. Уый руаджы ныр специалисттæн сæ бон уыдзæн æппæт медицинон лæггæдтæ кæнын. Амбулаторийы бындурыл фæзынд афтечы пункт дæр, ам цæрджытæн сæ бон у хъæугæ хостæ самал кæнын. Æмткæй кусæндон лæггад кæны 5 хъæуæн, уыдон та сты 6 мин адæймагæй фылдæр. Цалцæггонд æрцыд национ проект “Æнæнизхъахъхъæнынад“-ы фыццаг къæпхæны рацарæзты проектмæ гæсгæ. Амбулаторийы рацарæзт у Мæздæджы районы медицинон къабазы рæзтмæ стыр къахдзæф.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later