Актертæ, актрисæтæ, къамтæ, мысинæгтæ… Æвæдза, рæстæг куыд згъоры. Знон дæр ма æрыгон, театр æмæ кинойы курдиатджын актер. Абон та… Абон дæр ахæм, фæлæ цард хуыздæр чи базыдта, ахæм фæлтæрдджын зондамонæг. Цæуыл æй сахуыр кодта цард? Тынгдæр цы æрымысы? Йæ удæй фылдæр цы уарзы? Цымæ нын йæ зæрдæйы ахаст басусæг кæндзæн? Мæнмæ æргом адæймаг кæсы. «Азау æмæ Таймураз», «Нанайы бинонтæ», «Æмпъузæнтæ», «Гамлет», «Пæсæйы фæндон», «Буйный Терек», «Очень важная персона», «Мужское самолюбие»… Не студийы уазæджы сфæлдыстадон биографи хъæздыг у. Йæ царды хабæртты тыххæй та нын радзырдта нæ программæйы. Чи у? Цæриаты Валерий. _ Мы рядом в:
Hide player controls
Hide resume playing