Ирыстон цæрæт, знæгтæн мæлæт - Xædbar Хъуыдытæ нæ уадзынц уæгъд, зæрдæ нал уромы рыст. Уæйгæнджыты мады б***, айсут дж**** ацы лгъыст. Нал æфсæдут сымах нæ тугæй, нал зыны кæрон мæ æфсис. Мацæмæй ды ма тæрс æфсымæр, хæцæнгарз уæларвмæ сис. Макуы хъуамæ рцæуа рох,æфсымæрты мæ хоты тох. Æнцад кæй бадæм абон мах, уымæн дæр кæнæм фыдох. Фæсивæд фæлыгъдис Ирæй, Ирыстон у ныр афтид. Электроцинк сарæзта, мæ аразы ныр геноцид. Сауджынтæн æхца мæ лексус, мæгуыртæн æгъдау мæ æфсæрм. Афтæмæй йæ къухтæ дары, сывæллæтты къхты æхсæн. Дзуры нын уæларвон цардыл: “æрмæст мæгуыртæн у дзæнæт“. Сауджынтæн сæ дзæнæт ам ис, æрмæст дæр кæнынц æхца йыл мæт. Сидзæр сывæллон у тыхст, диагнозы рак ис фыст. Операцы хца йæм нæй, никуыд уал уромы рыст. Ног амад, зынаргъ дзуары, зæгъдзысты йын æнæмæмæнг рухс. Цæссыгæй нæ с`хуылыдз уыдзæн, сауджынæн, йæ тыппыр рус. Æмхасæнзарæг: Ирыстон цæрæд, знæгтæн мæлæт. Макуы ма æрлæу æфсымæр, уадз мæ знæгтæм дæр хъуысæт. Ирыстон цæрæд, знæгтæн мæлæт. Иры адæм зонут æй, нæ фыдыбæстæ у дзæнæт. Ирыстон ис знæгты къухы, никæй хъæуы кад мæ взаг. Кæд ды дзурыс ныр иронау, уæд дæ Хицауады знаг. Ис сын план нæ Иры тыххæй, алцы дæр æмбарæм хорз. Æвзаг фесафын, кад фесафын, саразой нæ хъуамæ фос. Фæсивæд нæ уыны фидæн, нал æвзарынц, æвзæр мæ хорз. Ис сын æрмæст æртæ æмбалы, мæгуырдзинад, нозт мæ хос. Кæд ды уыныс чиновникты, кæд адæмæн ныфс дæттынц. Ис сын æрмæст дæр иунæг нысан, æвзæрстытæ кæй æввахс кæнынц. Цъагъайрагæн ехс мæ рæхыс, сæрибарæн ныфс мæ кад. Кæй æууæндæм уæйгæнджытыл, “уымæн у адджын нæ цард“. Ныхъхъарæг кодтой Иры зæдтæ, мах уынæм æрмæст мæлæт. Дыууадæс Ироны æрцахстой, æгасæй рцыдысты ныгæд. Санахъоты Грийы ныхас, никуы ферох уыдзæн зон. Мæлæты раз хъæрæй загъта: зонут æй æз дæн ИРОН. Кæй æууæндæм алкæууыл дæр, кæй `стæм æгæр æргом. Уымæн ныл æрцыд Беслæн дæр, уымæн дæр кæнæм фæсмон. Æмхасæнзарæг: Ирыстон цæрæд, знæгтæн мæлæт. Макуы ма æрлæу æфсымæр, уадз мæ зынæгтæм дæр хъуысæт. Ирыстон цæрæд, знæгтæн мæлæт. Иры адæм зонут æй, нæ фыдыбæстæ у дзæнæт. Сæдæ мин Ироны ,Гуырдзы, æвиппайды фæкодтой тард. Ирæттæн иу рауæй кодтой, хиуæтты мæ æмгæртты мард. Зонын алчи æмхуызон нæу, алкуы дæр ис æвзæр мæ хорз. Фæлæ никуы уыд Ирæтты хсæн, ахæм тугхъæлæс фос. Хицауады никуы æндавтой Ирæттæ æмæ сæ цард. Уымæн дæр нæ алчи цагъта, кæй бадтысты алхатт æнцад. Райсут хæцæнгæрзтæ къухтæм, рацыт æфсымæртæ мæ фæстæ. Балæууæм кæрæдзи фарсмæ, ссæрибар кæнæм нæ бæстæ. Æмхасæнзарæг: Ирыстон цæрæд, знæгтæн мæлæт. Макуы ма æрлæу æфсымæр, уадз мæ знæгтæм дæр хъуысæт. Ирыстон цæрæд, знæгтæн мæлæт. Иры адæм зонут æй, нæ фыдыбæстæ у дзæнæт.
Hide player controls
Hide resume playing