Myvideo

Guest

Login

Стыр бргбон радон хатт уыд Джызлы Галзилн

Uploaded By: Myvideo
2 views
0
0 votes
0

Стыр бæрæгбон радон хатт уыд Джызæлы – Галзилæн. Кадджын бæрæгбон æгъдаумæ гæсгæ райдыдта фысымты хæдзары. Ацы аз фысымтæ сты Æлдаттаты бинонтæ. Нывонд гал схæссынц уæлдай, сыгъдæг уавæрты, цæмæй йæ рыны бардуаг айса. Сыгъдæг хъуыдытимæ æмæ аив уæлæдарæсы нывонд гал уынгты ракæнынц. Хæдзары сылгоймæгтæ сæ кувинæгтæ рахæссынц дуармæ. Кусæрттаг кувæндонмæ куы бахæццæ кæнынц, уæд та йæ бæласы алыварс æртæ хатты æрзилынц, уый фæстæ скувынц æртæ кæрдзыны. ️ Æрвылаз бæрæгбонмæ цæттæ кæнын райдайынц рагацау æмæ бæстонæй. Хистæртæ фæкувынц, кæстæртæн фæкурынц æнæниздзинад, сабыр цард æмæ рæсугъд фидæн. Куыд алы хатт афтæ ныр дæр адæмæн бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Мадзал срæсугъд кодтой зарджытæ æмæ кæфтытæй. Подписывайтесь на irystonTV Source: IrystonTV

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later