О Дунедарӕг, тызмӕгӕй мын ма уайдзӕф кӕн; карзӕй мӕ ма бафхӕр. Батӕригъӕд мын кӕн, Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнӕбон дӕн; сдзӕбӕх мӕ кӕн, Дунедарӕг, ме стджытӕ ӕддӕг-мидӕг ауадысты. Мӕ уд хъизӕмары бахауд. Кӕдмӕ афтӕ уыдзӕни, Дунедарӕг, кӕдмӕ? Де ’ргом мӕм раздах, Хуыцау, мӕ цард мын бахъахъхъӕн; фервӕзын мӕ кӕн Дӕ хорзӕхы руаджы. Марды зӕрдыл нал ӕрлӕудзынӕ, ингӕны чи стаудзӕни Дӕу? Сфӕлмӕцыдтӕн мӕ уынӕргъынӕй; ӕрвылӕхсӕв фӕкӕуын мӕ сынтӕджы, мӕ цӕссыгӕй цӕхсын мӕ хуыссӕн; Сагъ&
Hide player controls
Hide resume playing