«Ци кæнуй, цума, ме 'лхуйнæ, ку нæбал зелуй дзæбæх? Мæ цæститæбæл уайунцæ сау нимæт æма сау бæх». Национ телеуинунадæ «Осетия-Ирыстон» бацæттæ кодта нæуæг программæ «Æлхуйнæ». Уоми дзордзинан цаутæбæл æма адæмбæл, нæ цард нин ка исаразтонцæ, уонæбæл. Æнæ аци гъуддæгутæй нæ не ‘нгъезуй бавдесун. Уомæй зиндæр ба - балæдæрун. Нæуæг анз, нæуæг равдист зелæн æлхуйни хузæн. Аци равдисти дзорæн 1983 анзбæл. 00:00 – Анзи сæйрагдæр хабæрттæ; 01:23 – Америкæ æма Советон Цæдес кæрæдземæ фæнихмæ 'нцæ. Кæци сæргълæууæг рамбулдта - Рональд Рейган æви Юрий Андропов? 09:06 – Ирон театри сугъзæринæ æноси рæстæг. Устур актертæ æма режиссертæ еу бунати архайдтонцæ; 17:02 – Дуккаг рок-клуб Советон Цæдеси байгом æй нæхе горæти. Аци бон рок æгасæй Иристони? 23:54 – Джиоти Джанлейи зар «Дæу агурын». _________________________ Мы рядом в:
Hide player controls
Hide resume playing