Myvideo

Guest

Login

Хохы црг ирон адмы бргбттн с фылдр рхауынц срдм. Афт, Цгат Ирыстоны дрддзф хъу Глиаты ис кувндон Фрон. Уым а

Uploaded By: Myvideo
1 view
0
0 votes
0

Хохы цæрæг ирон адæмы бæрæгбæттæн сæ фылдæр æрхауынц сæрдмæ. Афтæ, Цæгат Ирыстоны дæрддзæф хъæу Гæлиаты ис кувæндон Фæрон. Уым алы аз дæр июлы æртыккаг сабаты вæййы рагон цымыдисаг бæрæгбон. Кувæндоны мидæгæй ис сæрмагонд дур. Бирæ рæстæг къæвда куы нæ фæуары, уæд уыцы дур кувгæйæ ныттысынц, йæ фарсмæ цы цæугæдон  кæлы, уым. Уыцы рæстæг Хуыцауæй фæкурынц, цæмæй уый рауадза къæвда. Бынæттон цæрджытæн кувæндон уыд тынг кадджын. Мидæмæ цæуыны бар уыд æрмæстдæр нæлгоймæгтæн - бæгъæвадæй, кувгæйæ. Сылгоймæгтæ-иу чьиритæ фыхтой сæ хæдзæртты æмæ иу сæ барвыстой кувæндонмæ. Бæрæгбоны размæ-иу адæм къуырийы дæргъы дардтой ком. Фæроны руаджы хъахъхъæд цæуы адæмы удварны хæзна, фидар кæны мыггæгты *хсæн бастдзинад. Ацы бæрæгбон у нæ истори, культурæ æмæ традициты иу хай. ️ Подписаться ️ Предложить новость Source: ГТРК Алания

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later