Myvideo

Guest

Login

143 псалом иронау. На осетинском языке.

Uploaded By: Myvideo
100 views
0
0 votes
0

143 Псалом       Арфӕгонд у Хуыцау, мӕ къӕдзӕх;       Уый мын ме ’рмттӕ цӕттӕ кӕны хӕцынмӕ,       мӕ къухы хилтӕ – тохмӕ.  Уый мӕ уáрзӕгой Хуыцау у, мӕ фидар,       мӕ мӕсыг, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ мӕ уарт –       Уый у мӕ хъáхъхъӕнӕг.       Уый мӕ адӕмы кӕны мӕ дӕлбар.  О Дунедарӕг! Цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды áудай,       кӕнӕ цы у лӕджы фырт, ӕмӕ йӕ Дӕ зӕрдыл дáрай?  Адӕймаджы цард ýддзӕфау у;       йӕ бонтӕ áйсӕфынц áууонау.  О Дунедарӕг! Ӕркъул кӕн Дӕ уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрцу;       áндзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕлдзӕни.  Рарвит Дӕ ӕрвӕртты́вд ӕмӕ ныффӕйлау знӕгты;       рауадз Дӕ фáттӕ ӕмӕ сӕ лидзӕг фӕкӕн.  Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух,       фервӕзын мӕ кӕн ӕмӕ мӕ бахиз стыр дӕттӕй,       ӕцӕгӕлон адӕмы къухӕй;  Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы фӕлы́вд ныхас,       сӕ рахиз къух мӕнгардӕй дзаг у.  Азардзынӕн Дын ног зарӕг, Хуыцау;       дӕсхъисон фӕндыры зӕлтӕй зáрдзынӕн Дӕуӕн –  Паддзӕхтӕн уӕлахиз дӕттӕгӕн       ӕмӕ Давиды, Дӕ цагъары,       мӕлӕтхӕссӕг цирхъӕй Ирвӕзынгӕнӕгӕн.  Бахиз мӕ, фервӕзын мӕ кӕн      

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later