Myvideo

Guest

Login

19-м январы Чырыстон диныл хст адм сбрг кндзысты доныскъфнт

Uploaded By: Myvideo
106 views
0
0 votes
0

Чырыстийы райгуырды бон фæхицæн, дарддæр чырыстон диныл хæст адæм сбæрæг кæндзысты Доныскъæфæнтæ. Ногфæдзæхсты историйы у сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу. Уыцы бон Йесо Чырыстийыл саргъуыдтой Иорданы цæугæдоны. Ацы рæстæг уырнон адæм ком нæ фæдарынц. Алчидæр сæ фенхъæлмæ кæсы цавæрдæр диссагмæ. Чырыстийы дзуарæвæрд чырыстæттæ бæрæг кæндзысты æгас бæстæйы. Адæм цæудзысты аргъуантæм, кувдзысты хуыцаумæ, курдзысты æнæниздзинад æмæ сабыр цард, семæ æнæмæнг хæсдзысты сыгъдæг дон. Ныртæккæ аргъуанты сæхи цæттæ кæнынц. Доныл аргъуыд райдайдзæн ацы бонты, цæуынц бæрæгбоны æхсæв дæр. Традицимæ гæсгæ адæм сæхиуыл дзуæрттæ бафтаугæйæ донмæ хиздзысты сæрмагонд нысангонд бынæтты. Сæхи найдзысты цадты æмæ цæугæдæтты. Æнæмæнг æххæст кæнын хъæудзæн æдасдзинады домæнтæ дæр. Доныскъæфæнты зымæг уæлдай хъызт вæййы. Синоптиктæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй ацы аз дæр Цæгат Ирыстоны уыцы бон уазал уыдзæн. Медицинон кусджыты амынддзинадмæ гæсгæ, буар температурæйы ивддзинæдтæм рагацау бацæттæ кæнын хъæуы. Зæрдæйы, дадзинты æмæ рæуджыты низтимæ адæмæн та ихджын доны хи найæн нæй. Сыгъдæг доны тых хиуыл бафæлварын кæй бафæнда, уыдонæн ацы аз республикæйы бацæттæ кодтой 8 сæрмагонд бынаты. Алагиры, Æрыдоны æмæ Мæздæджы районты. Алы бынаты дæр уыдзæн хъармгæнæн пункттæ. Æдасдзинадмæ кæсдзысты ирвæзынгæнджытæ, медиктæ æмæ пъæлицæйы кусджытæ. Нæ бæстæйы Чырыстийы дзуарæвæрд бæрæг кæнынц 19 январы. Ацы бон аргъуанты æмæ моладзандонты зæлдзæн хуыцаумæ скуывд, уыдзæн дзуæрттимæ цыд. Бæрæгбонæн йæ сæйраг мидис адæмы иудзинад æмæ чырыстон динмæ уарзондзинад.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later