Горæты уынгты ныртæккæ къохдзоныгътыл æнцондæр ацæуæн у. Тротуартæ айнæг ихы бын фесты. Адæм дзы цæуынц тæрсгæйæ. Афтæмæй та уавæрмæ кæсынц регионалон оператор æмæ паддзахадон автоинспекци. Уавæр æвзæрдæр цы бынæтты у, уым кусынц тарктортæ. Фыццаг сæрмагонд гарзæй ахафы фæндаг, сыгъдæг æй кæны митæй. Иннæ та йæ фæстæ пырх кæны змис æмæ цæхх. Ихын уæлцъар та рауайы, боны дæргъы температурæ цалдæр хатты куы фæивы, уæд. Ахæм уаццагтыл техникæ ницы бакæндзæн. Фæндæгты уавæрмæ цæст дарын у иумæйаг хæс, зæгъынц Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы. Бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ хъуамæ æфснайой разамынддæттæг компанитæ. Зæгъæм, дуканиты цур фæзуæттæ та хъуамæ сыгъдæг кæной хицæуттæ сæхæдæг. Бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæн та вæййы зындæр, хæдзæртты аууоны тыххæй кæртыты их нæ фæтайы. Арæх уый тыххæй хаугæ дæр акæнынц, фæвæййынц алыхуызон цæфтæ. Арæхдæр хистæр кары адæм. Уыимæ ма хъыгдæрд чи баййæфта, уымæн бафиддзысты компенсаци - æхцайы фæрæзтæ хостæн, æндæр хæрдзтæн, стæй адæймаг маралон æгъдауæй æфхæрд кæй æрцыд, уый тыххæй. Горæты уынгты их ис бирæ уаццагтыл. Уыдонæй иу Гæдиаты Цомахъы номыл уынг. Фæндаг цæуы хæрдмæ. Адæм дзы ссæуынц кæрæдзиуыл хæцгæйæ, кæнæ хæдзары къултыл æнцайгæйæ. Ивгъуыд къуыри травмпунктмæ æххуысмæ бацыдысты 95 адæймаджы. Адæм ацыдысты дохтырты æркаст æмæ æравыст æрцыдысты дзæбæхгæнæн мадзæлттæ кæнынмæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дохтыр адæймаджы хъуамæ фена æнæмæнг. Æдасдзинады тыххæй хъæуы раздæр рацæуын хæдзарæй, цæмæй тагъд ма кæнай. Уыимæ ахæм боныхъæдæн æмбæлгæ къахдарæс. Стæй митуарды рæстæг æвæстиатæй курдиат арвитын разамынддæттæг компанимæ, цæмæй дзы их ма рауайа.
Hide player controls
Hide resume playing