Куыддæр радхæссæгмæ фыдбылызы тыххæй фæхабара кодтой, афтæ зынгхуыссынгæнджытæ хъуамæ ацæттæ уой минуты минуты æмгъуыдмæ. Ноджы ма минут бынатæй ранкъуысынмæ. Æппæт архайд специалисттæ иттæг зонынц хорз. Знон, Дзæуджыхъæуы базарадон центрыл æнæпилотон тæхæн аппараты сæстытæ куы æрхаудысты, уæддæр ирвæзынгæнджытæ архайдтой нысангонд фæткмæ гæсгæ. Æнæнхъæлæджы цауы бынатмæ фæхæццæ сты æвæстиатæй. Ахсджиаг уыд алы минут дæр. Уавæрæн аргъ скæнын, ифтонггæрзтæ бацæттæ кæнын, лæмбынæг басгарын объекты алы къуым дæр. Сбæрæг кæнын адæм дзы ис æви нæ, уый. Кусджытæ иууылдæр сæ куыст хорз зыдтой æмæ сæ хæстæ æххæст кодтой. Ахуыртæ аразынц æппынæдзух. Ирвæзынгæнджытæ хъуамæ алкæддæр цæттæ уой. Дисциплинæ ам ис фыццаг бынаты. Æнæ уымæй гæнæн нæй. Уымæн æвдисæн у знон цы цау æрцыд, уый. Райсомы 7 сахаты æмæ 45 минутыл зынгхуыссынгæнджыты радхæссæг къорд хатдзæгтæ скæны суикæйы дæргъы куыстæн, иннæ сменæйæн раттынц бар. 8 сахатыл, командæгæнджытæ бæрæг кæнынц радхæссынмæ цæттæдзинад. Хъарагъуыл чи фæисы, уый куысты хатдзæгтæ скæны. Кæд бахъæуы, уæд сыл æрныхас кæнынц æмбырды. Хицæн æргом аздахынц теоримæ. Алы кусæг дæр куыд æмбæлы, афтæ зоны йæ размæ æвæрд хæстæ. Специалистты раст архайды ’руаджы 800 квадратон метрыл зынгсирвæзт ахуыссын кæнын бантыст цыбыр рæстæгмæ. Уый фæрцы зиан егъау нæ рауад. Арæх ахæм уæззау фыдбылызы фæстæ бæстыхай баййафы фылдæр хъыгдæрд. Ахæм цаутæ бæстæйы иу æмæ дыууæ хатты не ’рцыд. Фæлæ специалистты дæсныдзинады фæрцы объект сног кæндзысты хæстæгдæр рæстæг. Æмбæлгæ уавæры æппæт ифтонггæрзтæ дæр. Улæфынæн баллонтæй райдай æмæ сæрмагонд уæлæдарæсæй фæуы. Уымæн æмæ æндæр гæнæн нæй. Ам æй алы адæймаг дæр зоны йæ куыст куыд ахджиаг у, уый. Сæ дæсныйад та хуымæтæг куыстыл нæ нымайынц, фæлæ царды нысаныл.
Hide player controls
Hide resume playing