Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы боны кадӕн мадзӕлттӕ райдыдтой ирон аргъуаны пантеоны. Традицимæ гæсгæ поэт, драматург, публицист Хетӕгкаты Къостайы цыртдзӕвӕны цур дидинджытӕ сæвæрдтой хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, скъоладзаутæ, студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ. Сывæллæттæ бакастысты æмдзæвгæтæ. Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис фæнысан кодта мадæлон æвзаг уарзын æмæ хъахъхъæныны ахсджиагдзинад. 2003-æм азæй фæстæмæ 15-æм майы Цæгатæй Хуссармæ фæбæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы Бон. Баст у, Хетæгкаты Къостайы “Ирон фæндыр” 1899-æм азы 15-æм майы рухс кæй федта, уыимæ. Подписывайтесь на irystonTV Источник: IrystonTV
Hide player controls
Hide resume playing