Myvideo

Guest

Login

Бардзырдт, номхыгъдт, хыгъды журналт Сергей Лысовы кусг бон документтй райдайы

Uploaded By: Myvideo
5 views
0
0 votes
0

Бардзырдтæ, номхыгъдтæ, хыгъды журналтæ — Сергей Лысовы кусгæ бон документтæй райдайы. Цыппæрæм зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады хъалагъуры разамонæг ахсджиаг гæххæттытæ дзаг кæны æрвылбон. Дарддæр кусджытимæ теорион хаймæ рахизынц. Уый цæттæгæнæн къæпхæны æнæмæнг домæн у. Зонындзинæдтæй спайда кæнæн ис практикæйыл дæр. Æцæг рад хæссыны размæ фыццæгæм номыры бæрæггæнынад ацæуынц газ æмæ фæздæгæй хъахъхъæныны службæйы бындурыл. Рады фæстæ Сергей атагъд кæны Павлодольскæйы станицæмæ, сæхимæ. Уым æм æнхъæлмæ кæсынц йе ’мкъай æмæ сæ цот æхсæзæй: Матвей, Назар, Никита, Любовь, Сергей æмæ Дарья. Хистæрыл дæсæм аз цæуы, кæстæрыл нырма дыууæ. Зынгхуыссынгæнæджы архайд нæлгоймаджы йæ бинонты куыстытæ кæнынмæ ницы хъыгдары. Æхсæз сывæллоны хъомыл кæнын æнцон кæцæй у? Фæлæ йæ бинойнаг Каринæ æппынæдзух йæ фарсмæ ис æмæ сæ цот фылдæр рæстæг мады бæрны вæййынц. Хæринаг скæнын, скъоламæ сæ срæвдз кæнын, хæдзармæ куыстытæ сæххæст кæнынмæ фæкæсын. Хъомылады хъуыддагмæ бинонтæ бæрнон цæстæй кæсынц. Сергей йæ сабиты цæсты æцæг хъайтар у. Зынгуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хайады дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты. Сæ фыды куыст куыд ахсджиаг у, уый хорз зонынц. Сæхи дæр фæндид ам кусын. Сæ цард иуæндæс азы размæ баиу кодтой. Уæдæй нырмæ сарæзтой хæдзар, иууылдæр кæдæм тагъд кæнынц, ахæм къона— хъарм æмæ райдзаст. Стыр бинонтæ — стыр амонд у, — зæгъынц Сергей æмæ Каринæ.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later