Дыууæ мæйы размæ дæр ма ацы ран уыдис хъæууат, кæрдæджы бын иу фæци. Абон та территори гъæйттæй аив кæнынц. Куыстытæ райдыдтой майы. Нырыккон улæфæн бынаты æууæлтæ дзы ныридæгæн дæр бæрæг дарынц. Цæрджыты тæвдæй ирвæзын кæнынмæ — дыууæ бассейны. 5 гектары бæрц фæзуатыл фæллой кæнынц 50 адæймаджы техникæйы 10 иуæджы æххуысæй. Дыууæ мæймæ сын бирæ бантыст. Доны хæтæлты æмæ канализацион хызæгты куыстытæ бакодтой. Бордюрты фылдæр хай сæвæрдтой. Донуæтты цур сараздзысты пляжтæ. Йæхи хурмæ тавын кæй нæ фæнды, уыдонæн баскетбол, волейбол, теннисы фæзтæ, тренажертæ, воркаут. Хæстæг рæстæг кусджытæ бавналдзысты гæрæнтæ аразынмæ. Куыстыæ æххæст кæнынц гранты æххуысæй. Проект “Солнечная долина“ рамбылдта æппæтуæрæсеон конкурс “Малые города и исторические поселения“-йы. Улæфæн бынат хъуамæ сцæттæ уа ноябрмæ.
Hide player controls
Hide resume playing