Уалдзæг ралæууыд æмæ фæндæгты хъæндзинæдтæ æххæстæй разындысты. Уарынты рæстæг дзыхъхъытæ зынгæ дæр нæ фæкæнынц, уæлдайдæр та æхсæвыгон. Мæнæ сæ иу Павленко æмæ Кутузовы номыл уынгты тигъыл, гыццыл дарддæр дыккаг. Ам дзы иуæй куы алидзай, уæд иннæйы æнæ ныххаугæ нæй. Бынат уырдыг у æмæ хæдтулгæйы тагъдад фæфылдæр вæййы. Къæрцхъус куы нæ уай, уæд æнæ цалхæй аззайæн ис. Шофыртæ дзыхъхъытæ æрæгмæ ауынынц æмæ руль фæзилынц. Сæ иувæрсты ацæуыны тыххæй арæх фыдбылызæй тæссаг уавæр сæвзæры. Ай та у Гæдиаты Цомахъы номыл уынг Мæскуыйаг шоссейы æмæ Доваторы проспекты астæу. Къæвдайы дон æмбырдгæнæнтæ дзы нæй. Куыд хатдзæг, афтæ уымæлад асфальт пырх кæны. Зымæджы фæстæ фæндæгты уавæр бæрæг кæны Адæмон фронт. Уæлдай æргом аздæхтой Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгтæм, ам змæлд æппынæдзух ис. Туристтæ арæхдæр Цæгат Ирыстонмæ сæхи хæдтулгæтыл ссæуынц. Махмæ та кæцыдæр бынæтты хъуамæ бæстон кæсай, цæмæй фæндаггон нысæнттыл дæ цæст æрхæца. Уый у фæткхæлд æмæ фыдбылызæй тæссаг уавæр. Активисттæ барынц дзыхъхъытæ, куыд нын радзырдтой, афтæмæй сын паддзахадон стандарт ис. Дæргъ 15 сантиметры, уæрх 60 æмæ арфад 5. Дзанайы-фырты уынгыл та хæдтулгæйыл цы æрцæудзæн, уый бæрæг нæй. Дзыхъхъытæ нæ, фæлæ дзы уæрмытæ ис. Сæ арф у 30 сантиметры онг. Шофыртæ фыдбылыз ма æрцæуайы тыххæй йæ цалхæй бацауæзтой, фæлæ кæд мæ? Фæндæгты уавæрмæ Путины командæ æппынæдзух кæсы. Активисттæ бакусынц цæрджыты хъæстытыл, уайтагъд сын дзуапп раттынц. Иу базилинаг бынат ма Гастеллойы уынг. Гæлиты Климы ныхæстæм гæсгæ, ам ивтой инженерон коммуникацитæ. Асфальт фæстæмæ байтытдтой, фæлæ бæстон нæ. Сæ куыстмæ сын фиппайнаг ма æрхæссой, уый маст сæ нæ уыд. Активисттæ уыцы хъуыддагимæ не сразы сты. Алы уаццагмæ дæр кæсынц. Иформаци арвитынц бынæттон администрацимæ. Дарддæр дæр фæкæсынц специалисттæ кæд æмæ куыд хорз базилынц фæндæгтæм, уый. Адæмон фронт дарддæр бæрæг кæндзæн хъуыддаг. Дзæуджыхъæуы цæрджытæн æмæ уазджытæн та активисттæ иу хатт сæ зæрдыл лæууын кæнынц горæты аразинаг бынæтты тыххæй рахъаст кæнæн ис социалон хызæгты.
Hide player controls
Hide resume playing