Myvideo

Guest

Login

Хетджы Дзуары бон куыд ацыд

Uploaded By: Myvideo
2 views
0
0 votes
0

Хетæджы Дзуары бон куыд ацыд? 13 гектарыл чи апарахат, ахæм алæмæты фæзуат. Тымбыл хъæды Дзуармæ куыд иннæ азты, афтæ сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтимæ адæм цыдысты бинонгай. Ардæм бакъахдзæф кæнæн ис æрмæст сыгъдæг хъуыдытæ æмæ зæрдæйы уагимæ. Æрмæст афтæмæй дзуар айсдзæн куывтытæ. Хетæджы Дзуары бон у æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Уæвгæ, ныридæгæн ардæм канд Цæгатæй-Хуссармæ, Хурыскæсæнæй-Хурныгуылæнмæ нæ цæуынц, фæлæ æппæт дунейæ. Фæдзæхсынц ыл сæ кæстæрты, бæлццæтты, рынчынты æмæ сæ арфæйаг хъуыддæгтæ. Традицимæ гæсгæ, ам хистæртæ куывтой Хуыцау æмæ Лæгты Дзуармæ. Куырдтой хорздзинæдтæ æмæ сабырдзинад. Цæмæй не ’фсæддонтæ фыдыбæстæмæ сæрæгас æмæ уæлахизимæ сæздæхой. Тымбыл хъæды дзуармæ æрбацæуынæн йæхи уагæвæрд æмæ фæтк ис. Ардæм цæуын æмбæлы сыгъдæг буар æмæ аив уæлæдарæсы, хъыгагæн, алчи уыцы фæтк не ’ххæст кæны. Кувæндонæй нæй хæссæн къалиутæ, дуртæ, дыргъ. Уый тыххæй бирæ таурæгътæ ис. Ирон адæмы уырны ацы бынаты бæлæсты сыфтæртæн дæр алæмæты тых кæй ис. Фыдæлты æгъдау та ... Source: IrystonTV

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later