28-æм августы у æфсæддон медикты профессионалон бæрæгбон. Уый фæдыл сын раарфæ кодта Сергей Меняйло. Сæргълæууæг загъта, сæ дæсныйады дохтыры æххуыс, ныфс, ардбахæрдыл иузæрдиондзинад æмæ зын уавæрты архайынмæ цæттæдзинад кæй æмиуад кæнынц. Нæ хъахъхъæнджыты цард æмæ æнæниздзинадæн дзуапп дæтгæйæ, нæ æфсæддон медиктæ æрвылбон сæхи цард уæлдай кæнынц. Регионы разамонæг бузныджы ныхæстæ загъта æппæт æфсæддон дохтыртæ, фелсыртæ, медицинон хотæ æмæ æфсымæртæ, санитартæ æмæ госпитальты иннæ специалисттæн сæ удуæлдайдзинад æмæ дæсныдзинады тыххæй.
Hide player controls
Hide resume playing