Myvideo

Guest

Login

Хозиты Яковы номыл Кировыхъуы скъола ныр иу ардм рбакъахдзфгнг фыццаг фендзн ацы фыст, й фарсм та поэты къам

Uploaded By: Myvideo
2 views
0
0 votes
0

Хозиты Яковы номыл Кировыхъæуы скъола — ныр иу ардæм æрбакъахдзæфгæнæг фыццаг фендзæн ацы фыст, йæ фарсмæ та поэты къам. Номарæн фæйнæг байгом кодтой ахуырдоны фыццаг разамонæг Козаты Эльбрус æмæ Хозиты Яковы кæстæр хо Асиат. Кировыхъæуы нырыккон историйы зæрдæйы рухсдæр мысинаг хонынц ацы бон. Ацы æхсызгон цаумæ æнусы ’рдæгæй фылдæр æнхъæлмæ кастысты, фæлæ хъуыддаджы сырæзтыл уæлдай куыст бакодтой фæстаг 3 азы дæргъы. Яков фыссæнсисимæ хæрзæрыгонæй слымæн. Æмæ йын цас æнтыст, уымæй дисы æфтыдта. Фыста æмдзæвгæтæ, аргъæуттæ, эпиграммæтæ, уацтæ.Тæлмац кодта классикты уацмыстæ — поэзи æмæ прозæ. Уæдæ ахуыры дæр раззагдæрты ’хсæн уыд. Институт тынг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис. Æмæ кæд Терчыдоны знæт уылæнты фæмард курдиатджын адæймаг, уæддæр йæ кад, йæ намыс цæры йæ фыстыты мидæг. Йæ рæнхъыты немæ цин кæны ног царды рæсугъддзинæдтыл. Фæсивæд уазджытæн бацæттæ кодтой аивадон равдыстытæ, сæ зæрдæтæ сын ирон дзырдæй барухс кодтой. Уæдæ сæм ирон интеллигенцийы минæвæрттæ дæр афтидкъухæй не ’рбацыдысты. Скодтой сын хуыздæр лæвар — скъолайы библиотекæйы нырмæ цы чингуытæ нæ уыд, ахæмтæ.

Share with your friends

Link:

Embed:

Video Size:

Custom size:

x

Add to Playlist:

Favorites
My Playlist
Watch Later