Медицинон хо Фæданты Зæирæ Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны ноггуырдты патологийы хайады кусы 40 азмæ хæстæг. Пациенттæ хуымæтæг не сты, домынц уæлдай узæлд. Хъыгагæн, сабитæм уæззау низтæ раиртасынц. Капельницæ кæнæ катетер сæвæрын, анализтæ райсын. Æрмæст гыццылтæм нæ хъæуы фæкæсын, фæлæ ма сæ мадæлтæм дæр, уыдон сæ цоты мæтæй катаййаг свæййынц. Сывæллонæн хæринаг бадарын, батухын æй æмæ ма ныййарæгæн фæлмæн ныхасæй ныфс бавæрын. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындонмæ Фæданты Зæирæ æрбацыд скъолайы хæдфæстæ. Уæд дзæбæхгæнæндоны уыд медицинон хоты курсытæ. Мад йæ 17-аздзыд чызджы фæндимæ сразы. Заирæ уыцы иу рæстæг ахуыр дæр кодта æмæ ма санитаркæйæ дæр куыста. 19 азæй та сси медицинон хо. Хъуылымбегты Жаннæ дæр ныр 42 азы æххуыс кæны чысыл пациенттæн. Бæрнон, хæларзæрдæ, æнкъараг, афтæ дзы дзурынц йе ’мкусджытæ. Къуырийы авд боны, суткæйы алы афоны дæр фарсмæ уæвын, уымæн æмæ чысыл пациенттæн æххуыс цы минут бахъæудзæн, уый бæрæг нæу. Ноггуырдты патологийы хайады медицинон хойæ кусын æнцон нæу, куыд физикон, афтæ моралон æгъдауæй дæр. Фæлæ сывæллæттæм æмæ дæсныйадмæ уарзондзинады фæрцы специалисттæ сæхи хонынц амондджын.
Hide player controls
Hide resume playing