Песня на осетинском. Aytek Kobat - турецкий осетин, поет об исторической родине. Aytek Kobat'tan... Туркмæ цæуæм, Туркмæ цæуæм Æнæбары цæуæм, Лидзгæ кæнæм Размæ цæуæм, фæстæмæ кæсгæ фæстæмæ кæсгæ Гæйййй Хæрзбон зæгъæм, Райгуырæн хæхтæн Хæрзбон зæгъæм, Райгуырæн бæстæн Размæ цæуæм, фæстæмæ кæсгæ фæстæмæ кæсгæ Гæйййй Хæрзбон, хæрзбон, Нæ хæхтæ, нæ бæстæ Ныккæут нырризут, Сымах нæ фæстæ Размæ цæуæм, фæстæмæ кæсгæ фæстæмæ кæсгæ Гæйййй Мах уæ куы цæуæм, Дард бæстæмæ Нал уæм æрцæудзыстæм, Мах фæстæмæ Размæ цæуæм, фæстæмæ кæсгæ фæстæмæ кæсгæ Гæйййй Махæн нæ вагæттæ, Фараст ысты Бесланы хъæуæй, Нын рарастысты Размæ цæуæм, фæстæмæ кæсгæ фæстæмæ кæсгæ Гæйййй Нал нæм зынынц, Нæ иры хæхтæ Нал нæм зынынц, Нæ иры бæстæ Размæ цæуæм, фæстæмæ кæсгæ фæстæмæ кæсгæ Гæйййй Нал уæ фендзыстæм, Нал нæ фендзыстут
Hide player controls
Hide resume playing